Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци ацæудзæн бон раздæр

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы Южная Осетия 2017 Цхинвал
Выборы Южная Осетия 2017 Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр фехъусын кодтой, инаугураци уагъд кæй æрцæудзæн 22 апрелы

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци уагъд æрцæудзæн 21 апрелы, загътой Sputnik РХИ президенты администрацийы.

"Нывæзтгонд 22 апрелы бæсты инаугураци уагъд æрцæудзæн 21 апрелы, æмбæлон указ ныридæгæн бафыста президент Тыбылты Леонид", — загътой президенты администрацийы.

Равзаргæ президент Бибылты Анатолий куыд загъта Sputnik, афтæмæй хъахъхъæд æрцæудзысты æмгъуыдтæ æмæ мадзал нæ бацахсдзæн улæфт бон.

Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: мæ командæ арæзт уыдзæн бынæттон профессионалтæй

"Майрæмбон у паддзахадон мадзæлттæ уадзынæн иууыл хуыздæр бон — куыд Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, афтæ инаугурацимæ хуынд уазджытæн дæр", — загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци ацæудзæн Цхинвалы, республикон стадионы.

Ахæм фæндон Бибылты Анатолийы штаб рахаста, мадзалы бирæнымæц æмбæстæгты хайад кæй фæнды райсын, уый хынцгæйæ.

Раздæр-иу президенты бынатмæ бахизыны процедурæ уагъд цыд Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы, науæд та Хицауады æмбырдты Стыр залы.

Ног хабӕртты лентӕ
0