Бибылты Анатолий бузныг загъта парламентæн иумæйаг куысты фæдыл

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæИзбранный президент Южной Осетии Анатолий Бибилов, архивное фото
Избранный президент Южной Осетии Анатолий Бибилов, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий суæгъд кодта спикеры æххæстбартæ æмæ раарфæ кодта депутаттæ æмæ парламенты аппаратæн иумæйаг куысты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ног равзæрстгонд президент Бибылты Анатолий загъта бузныг депутаттæ æмæ парламенты кусджытæн иумæйаг куысты тыххæй.

Бибылты Анатолийы 9 апрелы равзæрстой Хуссар Ирыстоны президентæй, дыццæджы уый йæхицæй райста депутат æмæ закондæттæн органы сæргълæууæджы бартæ.

"Ӕз бузныг дæн хъысмæтæн, афтæ кæй рауад æмæ уемæ кæй куыстон. Чи фæнды куыд фæнды ма нымайа, æз дæн æнæдызæрдыг, парламент кæй кодта æмæ дарддæр дæр кæй кæндзæн эффективон куыст", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый фидарæй загъта, кæй аздахдзæн æппæт тыхтæ хицауады къабазтæ æрбангом кæнынмæ, адæмы хæрзиуæгæн сæ иумæйаг куыст сифтонг кæнынмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æрмæстдæр ахæм куыстæн уыдзæн æвæрццаг фæстиуджытæ æмæ республикæйæн уыдзæн размæцыд.

Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий суæгъд кодта парламенты спикеры æмæ депутаты бартæ

"Фæнды мæ зæгъын, не ′хсæн, партиты æхсæн цы быцæудзинæдтæ, дискусситæ уыд, уыдонæн кæй уыд кусæгон бындур, сæрмагонд амбицитæ никæмæн уыд, алчидæр æххæст кодта йæ куыст", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Уый бафтыдта, æвзарджытимæ фембæлды рæстæджы кæй хъуыста уыдонæй фаутæ депутатты куысты адресыл æмæ равдыста ныфс, ацы фарстытæн кæй ис аскъуыддзаг кæнын æмæ "адæм кæй уыдзысты райгонд парламенты, президенты æмæ тæрхондонон хицауады куыстæй".

"Мах хъæуы стыр куыст бакæнын æмæ мах хъуамæ сæххæст кæнæм, æхсæнады консолидацийы, цардуагы гъæд, республикæйы размæцыды фæдыл нæ дзырдлæвæрдтæ", — загъта Бибылты Антолий.

Уый ма бафтыдта, кæй йæ ис ныфс адæмы, политикон партиты æмæ æхсæнадон баиугæндты æххуысæй. Ныридæгæн парламенты экс-спикеры депутаттæ афæндараст кодтой къухæмдзæгъдимæ. Парламенты куысты тыххæй йын зæрдылдарынæн балæвар кодтой ныв.

Ног хабӕртты лентӕ
0