Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци: фыццаг хатт стадионы

© Sputnik / Наталья АйриянСтадион
Стадион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты йæ бынатмæ бахизыны официалон церемони стадионы уагъд æрцæудзæн фыццаг хатт.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны равзаргæ президент Бибылты Анатолийы инаугураци ацæудзæн майрæмбоны республикæйы столицæ Цхинвалы. Фыццаг хатт церемони уагъд æрцæудзæн республикон стадионы.

Инаугураци

Церемони райдайдзæн 15.00 мск. Ног президент райсдзæн ардбахæрд республикæйы Конституцийыл. Ардбахæрды текст зæгъдзæн дыууæ æвзагыл — ирон æмæ уырыссаг.

Выборы Южная Осетия 2017 Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци ацæудзæн бон раздæр

Уый фæстæ сценæйы раз рацæудзысты Хъахъхъæнынады министрады къордтæ — уый суыдзæн хицауады алæвæрды символ архайгæ президент Тыбылты Леонидæй ног президентмæ. Уымæй дарддæр ма церемонийы хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг æмæ экс-президент Кокойты Эдуард. 

Ардбахæрды фæстæ Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæг Плиты Белла ратдзæн Бибылты Анатолийæн РХИ президенты æвдисæндар.

Цытджын мадзал ацæудзæн республикон стадионы, кæцы нымад у 5 200 адæймагыл. Нырмæ инаугурацитæ цыдысты хицауады рабадты стыр залы, науæд та ПККЗ "Чермен"-ы.

Уымæй размæ Бибылты Анатолий фехъусын кодта, кæй йæ фæнды фенын мадзалы Хуссар Ирыстоны адæм æмæ йæ хæлæртты, уыдон та се ʻппæт залы нæ бацæудзысты.

Церемонийы уазджытæ

Цытджын мадзалы хайад райсдзысты ЛАР-ы сæргълæууæг Игорь Плотницкий, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Абхазы премьер-министр Беслан Барциц, ДАР-ы парламенты спикер Денис Пушилин. Уазджыты нымæцы ма уыдзысты Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы советы, Уæрæсейы УУМ-ы делегацитæ, уазджытæ Днестргæрон æмæ Хæххон Карабахæй, афтæ ма бизнесы æмæ динон архайджытæ.

Цхинвал зима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты инаугураци: кæцæй æнхъæлмæ кæсы Хуссар Ир уазджытæм

Мадзал ацæудзæн æдасдзинады фæкарздæргонд уавæрты, республикæйы тыхон структурæтæ службæ хæссынц фæтыхджындæргонд режимы. Ӕдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн церемонийы размæ 20 апрелы 20:00 сахатæй 22 апрельмæ урæд æрцыд фæхуымæтæгдæргонд режиммæ гæсгæ уадзæн пунктты куыст.

9 апрелы Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ. Уыцы бон ма ацыд республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум, уыимæ иумæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани сты æмсæрнысаниуæгджын.

Ӕвзæрстыты схъæлæс кодтой цæрджыты 80 проценты. Быбылты Анатолийæн сæ хъæлæстæ радтой цæрджыты 54,8 проценты, республикæйы раздæры сæргълæууæг Тыбылты Леонидæн схъæлæс кодтой 33процентæй чысыл фылдæр, æртыккаг кандидат — ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан — райста 10 процентæй фылдæр.

Хуссар Ирыстоны ном Паддзахадон Аланимæ раивыныл схъæлæс кодтой цæрджыты 80 проценты.

Ног хабӕртты лентӕ
0