Епископ Амвросий Ленингоры ног аргъуаны ауагъта куадзæнон скуывд

© Пресс-служба Аланской епархииХрам рождества пресвятой богородицы в Ленингоре
Храм рождества пресвятой богородицы в Ленингоре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг епархийы къухдариуӕггæнæг, фыд Иаков ныфс радта Ленингоры цӕрджытӕн, епархийы динамонджытæ æдзухдӕр кӕй цæудзысты ацы районмæ ӕмӕ кӕй уадздзысты Хуыцаумӕскуывдтытӕ

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмæ фæуазæг ис епископ Амвросий Мефойнаг Алайнаг Грецийӕ. Уый Алайнаг епархийы минæвæрттимæ Ленингоры районы Фысыгъдæг Мад Майрæмы номыл ногарæзт аргъауæны ауагъта Хуыцамæскуывдтытæ, загътой Sputnik епархийы пресс-службæ.

© Пресс-служба Аланской епархииЛенингоры аргъуан
Храм рождества пресвятой богородицы в Ленингоре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры аргъуан

Фырсыгъдæг Мад Майрæмы райгуырды номыл аргъуан Ленингоры районы самадтой ивгъуыд азы. Аст дидинсыфы хуызы агъуыст ссис епархийы фыццаг кувӕндон районы. Динамонджыты ныфс ис, Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуан кӕй суыдзæн чырыстон дины артдзæст республикæйы иууыл дæрддзæфдæр районы.

"Епископ Амвросий алайнаг сауджынтимæ Ленингоры районы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны ауагъта куадзæнон службæ. Бынæттон чырыстонтæ стыр цинимæ сӕмбæлдысты динмонджытыл æмæ бахатыдсты, цӕмӕй аргъуаны службӕтӕ цӕуой æдзухдӕр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Алайнаг епархийы къухдариуӕггæнæг, фыд Иаков (Хетæгкаты) ныфс радта цӕрджытӕн, епархийы динамонджытæ арæхдæр кæй цæудзысты ацы районмæ службӕтӕм.

© Пресс-служба Аланской епархииЛенингоры аргъуан
Храм рождества пресвятой богородицы в Ленингоре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры аргъуан
Ног хабӕртты лентӕ
0