ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Плиты Виталийы ӕрцахста Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны.
"Ахст ӕрцыд хъӕууон хӕдзарады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Плиты Виталий", — загъта агентады дзырдӕмбал.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чиновникы ӕрцахсты аххосӕгты тыххӕй бӕлвырддӕр информаци ведомствӕ ратдзӕн фӕстӕдӕр.