Хуссар Ирыстон æмæ ДАР бафыстой хæларады фæдыл бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОПрезиденты ДНР и РЮО Александр Захарченко и Анатолий Бибилов
Президенты ДНР и РЮО Александр Захарченко и Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафыст æрцыд Донецкы, уырдæм Хуссар Ирыстоны президент æрцыд ДАР-ыл æртæ азы сæххæсты бæрæгбонмæ

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ цыппæрæмы бафыстой хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ президенты пресс-службæйы.

Александр Захарченко Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Захарченко: ДАР фидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ

Бадзырд бафыстæуыд Донецкы. Документыл сæ къухтæ бафыстой РХИ æмæ ДАР-ы сæргълæуджытæ Бибылты Анатолий æмæ Александр Захарченко.

Пресс-службæйы банысан кодтой, бадзырд бафыст кæй æрцыд "ДАР æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ ног æмвæзадмæ ракæныны нысанæн æмæ дыууæ бæстæты цæрджыты бындурон националон интерестæ хынцгæйæ".

Документ конд у 23 статьяйæ, уыдон агайынц æддагон политикæ, экономикæ, базарад, фыдракæндтимæ тохы, культурæ æмæ ахуырады къабазты æмгуысткæнынад.Президенты пресс-службӕйы бамбарын кодтой, документ фидар кӕй ӕрцыд дӕс азы ӕмгъуыдмӕ йӕ дарддӕры пролонгацийы гӕнӕнимӕ. Уый ма хъавынц баххӕст кӕнын хицӕн бадзырдтӕй дӕр.

Хуссар Ирыстоны делегации ацыд Донецкмӕ ДАР хӕдбардзинад расидыныл ӕртӕ азы сӕххӕсты сӕраппонд бӕрӕгбонмӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий Донецкы
Анатолий Бибилов в ДНР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Донецкы

Балцы фӕлгӕтты ма бафыст ӕцӕудзӕн протокол РХИ ӕмӕ ДАР ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл.

Растдӕр ӕртӕ азы размӕ, 2014 азы 11 майы Украинӕйы Донецкаг областы бирӕ цӕрӕн пунктты уагъд ӕрцыд референдум регионты хӕдуагӕвӕрды фӕдыл.

Хуссар Ирыстон ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинд банымадта 2014 азы. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0