Хуссар Ир сараздзæн гæрæнгæнæн къултæ Гуырдзыстонимæ арæныл

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæПограничный пост границы Республики Южная Осетия
Пограничный пост границы  Республики Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ИӔАМ-ы форматы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг радзырдта журналисттæн Эргнеты радон фембæлды фæстиуджыты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны хицæуттæ нывæндынц æввахс рæстæджы саразын гæрæнгæнæн къултæ Гуырдзыстонимæ арæныл республикæйы Знауыры районы Арæнгæрон хъæуы цур. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы фембæлдты хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Санахъоты Дауыт.

ИÆАМ-ы форматы радон фембӕлд уагъд æрцыд цыппæрæмы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæныл — Эргнеты хъæумæ хæстæг.

"Уыдис иу афтæ, æмæ ставд стуртæ бахыстысты иннæ бæстæйы территоримæ. Уый фæстæ хъæуы бадзырдтæ уадзын, уый та алыхатт къухты нæ бафты. Фæстаг хатт ацы районы фос фесæфт 2016 азы", — загъта фембæлды фæстæ Дауыт.

Делегацийы сæргълæууæг ма бафтыдта, Хуссар Ирыстон фыццаг аз кæй не 'вæры арæны делимитаци æмæ демаркацийы фарст Женеваг дискусситыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фæдыздæхты иумæйаг куыст ахъаз уаид арæны уагæвæрд бахъахъхъæнынæн, фæлæ "гуырдзиаг фарсы æрдыгæй ницы къахдзæфтæ ис".

Фембæлды ма æруынаффæ кодтой арæны халыны статистикæйыл дæр — фæстаг мæйы мидæг арæнхъахъхъæнджытæ банысан кодтой 11 ахæм фæткхæлды.

ИӔАМ-ы форматы радон фембæлд уагъд æрцæудзæн 7 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0