Пухаты Эрик: нæ бабыхсдзæн, цæмæй бардзырдтæ ма цæуой æххæст

© Пресс-служба ПарламентаЭрик Пухаев
Эрик Пухаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пухаты Эрик раныхас кодта парламенты, кæцыйы президиум майрæмбоны сразы ис йæ кандидатурæйыл республикæйы премьер-министры бынатмæ

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны министрты ног кабинеты скондмæ нæ бацæудзысты раздæр командæйы чиновниктæ, кæцытæ нæ тых кæндзынц сæ разы æвæрд хæстыл, загъта республикæйы премьер-министры постмæ кандидат Пухаты Эрик парламентарийты раз ныхас кæнгæйæ.

Президиумы уæнгтæ майрæмбоны сразы сты Пухаты Эрикы кандидатурæйыл, уый премьерæй сфидар кæныны фарстыл та æлхынцъон уынаффæтæ цæудзысты къуырисæры хицауады закондæттæн органы сессийыл.

"Мæ куыст райдайдзæн ивгъуыд азы мидæг алы министрады бакæнгæ куысты анализæй æмæ йæ бынатæн æмбæлон чи нæ у, уый сæрибар æрцæудзæн", — загъта Пухаты Эрик.

Уый бахахх кодта, зæгъгæ йæ кæд сфидар кæной премьерæй, уæд "нæ бабыхсдзæн, цæмæй бардзырдтæ æххæст ма цæуой".

Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты президиум сразы ис премьеры кандидатурæйыл

"Махæн ис бæрн адæмы раз. Нæ иуварс кæнын, кæй уыдзæн зындзинæдтæ, фæлæ президенты æххуыс æмæ парламентимæ æмгуыстады фæрцы, мах сæххæст кæндзыстæм нæ разы æвæрд хæстæ", — загъта Пухаты Эрик.

Уымæй дарддæр ма, Пухаты Эрик фæнд кæны республикæмæ уæрæсейаг специалистты æрхонын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ахъаз уыдзысты хицауады куысты эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны хицауад суæгъд кодта йе ′ххæстбартæ 24 апрелы, ног президент Бибылты Анатолий йæ бынатмæ куы бахызт, уымæй æртæ боны фæстæ. Министрæдты сæргълæуджытæ æххæст кæндзысты сæ хæстæ ног командæйы сырæзты онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0