"Симд" Уӕлахизы бонӕн нывонд концерты равдисдзӕн ног кафт

© Sputnik / Ада БагианКонцерт 3 ансамблей на стадионе к 25 годовщине провозглашения независимости рюо
Концерт 3 ансамблей на стадионе к 25 годовщине провозглашения независимости рюо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфæлдыстадон къорды сæйраг балетмейстерæн уый у йæ дыккаг куыст, уымæй размæ та сæвæрдта кафт "Симд", ногдзинæдтæ йæм бахæсгæйæ

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Галаты Борисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" кӕсджытӕн равдисдзæн сæйраг балетмейстер Чилæхстаты Георгийы æвæрд ног кафт "Перепляс", загъта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Симд-ы солист Санахъоты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санахъоты Инал – "Симд"-ы ног историйы иууыл ӕвзонгдӕр солист

Бæстæйы сæйраг ансамбылы концерт, кӕцы у нывонд Стыр Уæлахизы бонæн, ацæудзæн ПККЗ "Чермен"-ы 23 майы. Традицион кӕфтытæй дарддæр ма сценæмӕкæсæг саргъ кæндзæн сæйраг балетмейстеры дыккаг куыстӕн дӕр.

"Ацы концерт паддзахадон ансамбль цæттæ кæны бирæ рæстæг. Сфæлдыстадон куыст раджы балхынцъ, фӕлӕ ног номыр ирон аивадæн табугæнджыты размæ рахæссын къуыхцы кодта æрмæстдæр кафты сæрмагонд дарæсы æдзæттæдзинад. Ныр бынæттон хуыйæн æрмадзтæй иуы кафджытæн бахуыдтой 14 фæлыст костюмы", — загъта Гаглойты Кристина.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, концерт Стыр Уæлахизы бонæн нывонд кӕй у, уымæ гæсгæ дзы æнæмæнгæй сӕххӕст кӕндзысты зынгӕ хореограф Тедеты Русланы æвæрд хæстон тематикæ ӕвдисӕг кафт "Мады зæрдæ". Уымæй дарддæр ма сценӕмæкæсæг фендзæн уарзон алайнаг кæфтытæ Саулохты Сергейы æвæрдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0