Парламент сратификаци кодта Днестргӕрон республикӕимӕ бадзырд

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта Днестргӕрон республикӕимӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд, кӕцы республикӕты хицауадты сӕргълӕуджытӕ бафыстой ивгъуыд азы.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Днестргӕрон республикӕимӕ хӕлардзинад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд сратификаци кӕныныл.

Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ: Днестргӕронимӕ ног бадзырд хаст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ

Бадзырд бафыстой 2016 азы 20 сентябры дыууӕ республикӕйы хицауадты сӕргълӕуджытӕ Хъуылымбегты Доменти ӕмӕ Павел Прокудин.

Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся банысан кодта, дыууӕ бӕстӕтӕн раздӕр дӕр кӕй уыд бирӕ иумӕйаг хъуыддӕгтӕ сӕ паддзахаддзинад фидар кӕныны этаптыл ӕмӕ равдыста ныфс, бадзырд кӕй ӕрӕвӕрдзӕн ног бындур дыууӕварсон ахастыты дарддӕры райрӕзтӕн.

Ацы документ у ног, дыууӕ республикӕты хсӕн фыццаг бадзырд бафыст ӕрцыд 1994 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0