Уæрæсейаг сапертæ сæнæзианхъом кодтой кодтой 3 мин гектары Хуссар Иры

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæВоенные учения на 4-ой военной базе Министерства обороны РФ в городе Цхинвал
Военные учения на 4-ой военной базе Министерства обороны РФ в городе Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полигон минæтæй сыгъдæг кæныныл архайдтой 100 æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр, 10 иуæджы техникæ æмæ ахуыр куыйтæ

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы сапертæ ссыгъдæг кодтой рæмудзæн æрмæджытæй 3 мин гектары Дзарцъемы полигоныл, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Тактические занятия мотострелковой бригады ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Танкисттæ Хуссар Ирыстонæй ацæудзысты Ӕппæтæфсæддон хъæзтытæм-2017

"Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы инженерон æфсады дæлхайадтæ балхынцъ кодтой Дзарцъемы полигоныл рæмудзæн æрмæджытæй сыгъдæг кæныны фæдыл куыстытæ. Комплексон инженерон басгæрст кæм хъæуы ауадзын, уыцы баиугæнды ахуырадон-материалон базæйы иумæйаг фæзуат у æртæ мин гектары бæрц", — загъта зылды минæвар.

Полигон минæтæй сыгъдæг кæныныл архайдтой 100 æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр, 10 иуæджы æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ æмæ ахуыр куыйтæ. Раргомгонд тæссаг æрмæджытæ куынæг цыдысты бынаты.

Зымæгон ахуырты рæстæджы Хуссар Ирыстоны æфсæддон базæйы полигонты æмæ æфсæддон æхсæнты спайдагонд æрцыд 300 мин хæстæрмæджытæй, уый нымæцы 6 мин къухыл гранатæтæ æмæ 60 мин артиллерион нæмгуытæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0