Уæрæсейаг базæйы Хуссар Ирыстоны сарæзтой сабидон æмæ цæрæн хæдзæрттæ

© RIA Novosti . Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРоссийская военная база в Цхинвале
Российская военная база в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аразджытæ майы кæрон эксплуатацимæ ратдзысты æртæ 16-фатерон хæдзары æмæ сабидон 70 сывæллоны бынатæн, фехъусын кодтой ХӔЗ-ы

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ æмæ сæ бинонты уæнгтæн арæзт æрцыдысты цæрæн хæдзæрттæ æмæ 70 бынатæн нымад сабидон, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Российские военнослужащие в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы декабры бакӕндзысты сабидон, скъола æмæ цæрæн хæдзæрттæ

"Нывæндæм 27 майы раттын эксплуатацимæ æртæ 16-фатерон дыууæуæладзыгон цæрæн хæдзары æмæ 70 сывæллонæн нымад сабидон. Кæронмæ бахæццæ сты базæйы алыварс территорийы хæрзарæзтад æмæ парковкæйы арæзтад", — дзырдæуы зылды хъусинаджы.

Объекттæ арæзт сты ног нырыккон технологитæм гæсгæ экологон сыгъдæг æрмæджытæй. Кусæгон фатертæ сты ифтонг алцæмæй дæр — мебелæй суанг спутникон телеуынынады онг.

ХӔЗ-ы пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, æдæппæт базæйы территорийыл нывæзты ис саразын æфсæддон æмæ социалон инфраструктурæйы 40 объекты капиталон арæзтад, уый нымæцы цæрæн хæдзæрттæ, солдатон æмæ офицерон æмдзæрæндæттæ, сабидæттæ æмæ скъолатæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0