Президент снысан кодта Хуссар Ирыстоны ахуырады министры

© Sputnik / Ада БагианМинистр образования РЮО Натали Гассиева
Министр образования РЮО Натали Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фидар кӕнынц ног хицауад, цыппӕрӕмы Бибылты Анатолий снысан кодта ахуырады министры

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта Гасситы Наталийы республикӕйы ахуырады министрӕй, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй президент бафыста ӕмбӕлон указ цыппӕрӕмы. Уымӕ гӕсгӕ, Гасситы Натали бахъахъхъӕдта йӕ бынат — раздӕры хицауады сконды дӕр уый куыста ахуырады министрӕй.

Хуссар Ирыстоны хицауад йе ‘ххӕстбартӕ суӕгъд кодта 24 апрелы, президент Бибылты Анатолийы йӕ бынатмӕ бахизыны фӕстӕ. Министрты ног кабинеты сфидары онг министрӕдты сӕргълӕуджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0