Президент раивта Минэкономрайрæзты хистæры

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства обсуждение строительства Цхинвал
Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хусар Ирыстоны фидар цæуы ног хицауад, цыппæрæмы президент снысан кодта экономикæйы ног министры

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрæй нысан æрцыд Кокойты Геннадий, æмбæлон барамынд цыппæрæмы бафыста президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны йæ пресс-службæ.

Замглавы МЧС РЮО Алан Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМӕн снысан кодтой ног сӕргълӕууӕджы

Уымæй размæ экономикон райрæзты министры хæстæ æххæст кодта Зæгъойты Вильям, кæцы йæ бынатæй сæрибар æрцыд президенты указмæ гæсгæ. Дыууæ указ дæр Бибылты Анатолий бафыста цыппæрæмы, загътой пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны хицауад сæрибар æрцыд 24 апрелы Бибылты Анатолий президенты бынатмæ куы бахызт,уæд.

Парламент 16 майы сразы ис президенты бавдыстгонд кандидатура Пухаты Эрикы хицуады сæрдарæй снысан кæнæны фæндыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0