Уæрæсейаг æфсæддонты Хуссар Ирыстоны сыстын кодтой фæдисы

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæӔфсӕддон ахуыртӕ
Ӕфсӕддон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдæппæт фæдисы сыстын кодтой ХӔЗ-ы 6,5 мин æфсæддон службæгæнæджы Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджыты сыстын кодтой фæдисы Хуссар æфсæддон зылды дæлхайæдты æфсæддон цæттæдзинады басгæрсты фæлгæтты, хъусын кæны ХӔЗ-ы пресс-службæ.

Ӕдæппæт, Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Цæцæн, Дагестан, Краснодары крайы басгæрсты райстой хайад 6,5 мин æфсæддон службæгæнæджы æмæ 1,5 мин иуæджы æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ.

Учения инженерно-саперных групп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры базæйы сапертæ сахуыр кодтой минæтæ сæнæзианхъом кæныны ног методтæ

"Хуссар æфсæддон зылды æфсады командæгæнæг, инæлар-булкъон Александр Дворниковы бардзырдмæ гæсгæ баиугæндты иу хай сыстын кодтой фæдисы се 'фсæддон цæттæдзинад раиртасыны нысанæн. Басгæрсты хайад райстой Цæцæн, Дагестан, Хуссар Ирыстон æмæ Краснодары крайы уæвæг баиугæндтæ æмæ 'фсæддон дæлхайæдтæ. Ӕдæппæт практикон архæйдтыты райстой хайад мотоæхсæн, танкон, артиллерион дæлхайæдты 6,5 мин æфсæддоны æмæ 1,5 мин иуæджы æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ, афтæ ма Сауденджызон флот æмæ Каспиаг флотилийы денджызон фистæгæфсады дæлхайæдтæ", — бамбарын кодтой зылды.

Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы æфсæддон службæгæнджытæ бакусдзысты мæнг ныхмæлæууæджы фæстæмæ æппарыны, æнæзонгæ бынаты ориентаци æмæ марш алыварсонæй сифтонг кæныны фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0