"Иугонд Ирыстон" раразмæ кодта йæ кандидатурæ парламенты спикеры бынатмæ

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фракци «Иугонд Ирыстоны" рабадты рæстæджы къуырисæры схъæлæс кодтой парламенты спикеры кандидатурæйæн

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Парламентон фылдæр хайы парти раразмæ кодта депутат Гасситы Петры кандидатурæ Рсепубликæ Хуссар Ирыстоны парламенты спикеры бынатмæ, фехъусын кодтой Sputnik парти "Иугонд Ирыстоны" пресс-службæйы.

Къуырисæры уагъд æрцыд фракци "Иугонд Ирыстоны" рабадт, цы ран боны фæткы сæйраг фарст уыд парламентон фракцийæ спикеры бынатмæ кандидатурæ раразмæ кæнын.

"Сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы депутатты фылдæр хай райста скъуыддзаг Гасситы Петры кандидатурæ парламенты спикеры бынатмæ раразмæ кæнын", — загътой партийы пресс-службæйы.

Закондæттæн органы раздæры сæргълæууæг фæуæлахиз Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты ацы аз апрелы æмæ суæгъд кодта йæ æххæстбартæ. Спикеры хæстæ æвæрд æрцыдысты фыццаг вице-спикер Мамиты Иналыл.

© Пресс-служба парламента РЮО Гасситы Петр
Депутат от партии Единая Осетия Петр Гассиев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр

Регламентмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны парламенты спикер æвзæрст цæуы сусæг хъæлæсæппæрстæй, иу кæнæ аннæ кандидатурæ хъуамæ райса депутатты фылдæр хайы хъæлæстæ, ома 18 депутаты 34 депутатæй.

Парти "Иугонд Ирыстонæн" Хуссар Ирыстоны парламенты 34 депутатон бынатæй ис 20.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0