Тасойты Дмитрий: æвæццæгæн, рахиздзынæн "Иугонд Ирыстоны" фракцийæ

© Sputnik / Ада БагианДмитрий Тасоев
Дмитрий Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты вице-спикер Тасойты Дмитрий равдыста æнæразыдзинад, кæй йæ нæ фæхуыдтой фракцийы рабадтмæ, цы ран уынаффæ кодтой спикеры кандидатурæйыл

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты æртыццæджы сфидар кодтой ног спикеры кандидатурæ. Закондæттæн органы сæргъ слæууыд парти "Иугонд Ирыстоны" депутат Гасситы Петр. Йæ кандидатурæйæн схъæлæс кодтой сессийы хайадисæг 32 депутатæй 21 депутат.

Рабадты рæстæджы сусæг хъæлæсæппæрсты бюллетентæм бахаст æрцыд ноджы иу кандидатурæ — депутат Тасойты Борисы. Уый раразмæ кодта вице-спикер Тасойты Дмитрий, кæцы тызмæг формæйы равдыста æнæразыдзинад, фракцийы рабадтмæ йæ кæй нæ фæхуыдтой, уыимæ, цы ран уынаффæ кодтой спикеры кандидатурæйыл.

"Сымахæй мæн бирæтæ рагæй зонынц, карьерист никуы уыдтæн, никуы хæцыдтæн исты дивидендтæ хæссæг бынатыл. Æмæ парламентмæ дæр уый тыххæй ′рбацыдтæн, цæмæй адæмæн исты хæрзиуæг æрхæссон. Ӕмæ дыууæ аз ууыл архайдтон, цы цæлхдуртæ мын арæзтой, уымæ æнæкæсгæйæ", — загъта Тасойты Дмитрий.

Уый банысан кодта, "Иугонд Ирыстоны" политсоветы сæргълæууæг уæвгæйæ, кæй лæууыд партийы сæргъ Бибылты Анатолийы ацыды фæстæ. Фæлæ йæ, уымæ æнæкæсгæйæ, "ничи ницæмæ æрдардта".

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент равзæрста ног спикеры

Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся бамбарын кодта, фракцийӕн кӕй ис кворум, рабадты хайад куы райсынц депутатты кӕцыдӕр нымӕц, ӕмӕ иу адӕймаджы нӕуӕванад нӕ къуылымпы кӕны рабадт ауадзыны хъуыддаг.

Тасойты Дмитрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый не ‘нхъӕлмӕ каст ӕндӕр ӕмбарынгӕнӕнмӕ ӕмӕ "мӕхимӕ ахӕм ахаст уынгӕйӕ, мӕнӕн бар ис, сымах куыд аразут, афтӕ бакӕнын ӕмӕ бахӕссын депутат Тасойты Борисы кандидатурӕ".

Уый ма бахахх кодта, кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн фракци "Иугрнд Ирыстоны" рӕнхъытӕй рахизын.

Уынаффӕты фӕстиуӕгӕн бюллетенмӕ хаст ӕрцыдысты дыууӕ кандидатурӕ спикеры бынатмӕ. Депутатты фылдӕр хай схъӕлӕс кодта Гасситы Петрӕн.
Хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуджыты фӕдыл нымайӕн къамисы барамынд сфидар кӕныны фӕстӕ Тасойты Дмитрий рахызт президиумӕй ӕмӕ сбадт залы иннӕ депутатты ӕхсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0