Хуссар Иры парламент расидт амнисти президенты равзæрсты фæдыл

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынаффæмæ гæсгæ амнистимæ хауынц, фыццаг хатт кæмæн рахастæуыд тæрхон æртæ азы æмгъуыды онг, афтæ ма райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны фæдыл хæстон архæйдтыты чи иста хайад, ССРЦ-ы, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ордентæ æмæ майдантæй чи у хорзæхджын, уыдон.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Козаты Диана. Парламенты депутаттæ æртыццæджы банымадтой хорзыл ног президенты равзæрсты фæдыл Хуссар Ирыстоны амнисти расидыны тыххæй уынаффæ.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент равзæрста ног спикеры

Республикæйы 9 апрелы уагъд æрцыдысты президентон æвзæрстытæ, цы ран фæуæлахиз Бибылты Анатолий.

Уынаффæмæ гæсгæ амнистимæ хауынц, фыццаг хатт кæмæн рахастæуыд тæрхон æртæ азы æмгъуыды онг, афтæ ма райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны фæдыл хæстон архæйдтыты чи иста хайад, ССРЦ-ы, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ордентæ æмæ майдантæй чи у хорзæхджын, уыдон.

Амнисти бацагайдзæн ахæм сылгоймæгты дæр, кæцытæн ис æнахъом сывæллæттæ, сывæллæттæ-инвалидтæ, афтæ ма æвгъæдджын сылгоймæгты.

Амнистимæ ма бахаудзысты I æмæ II группæйы инвалидтæ, афтæ ма диспансерон хыгъды I æмæ II группæтæм хауæг рæуджыты низæй рынчынтæ.

Парламенты уынаффæмæ гæсгæ ма тæрхондонæй сæрибар æрцæудзысты æнахъом сывæллæттæ, кæцытæ фыццаг хатт бахаудысты ахæстонмæ æмæ сын рахастæуыд тæрхон фондз азы онг фæбадын.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр: хицауады дыууæ къабазы æхсæн конфронтацийы дуг аивгъуыдта

Цалдæр категорийы гоймæгты ныхмæ дæр урæд æрцæудзысты уголовон хъуыддæгтæ æмæ фæцыбырдæр уыдзысты сæ æмгъуыдтæ. Сæйраджыдæр амнистимæ бахаудзысты ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæн стæрхонгонд æрцыд фондз азы онг æмгъуыд.

Амнистимæ нæ хауынц гоймæгтæ, кæцытæ сарæзтой уæлдай уæззау фыдракæндтæ, афтæ ма ахæмтæ, кæцытæ æрцыдысты сæрибаргонд амнистимæ гæсгæ æмæ та ногæй чи сарæзта фыдракæнд, афтæ ма ахæстоны чи сарæзта фыдракæнд. Афтæ ма сæрибармæ рахизынæй ныфс нæй тæссаг рецидивисттыл нымад чи æрцыд, уыдоны.

Алы хъуыддагмæ дæр уыдзæн индивидуалон æркаст, уый нымæцы барадхъахъхъæнæг органты Координацион совет, кæцы исдзæн æлхынцъон скъуыддзаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0