ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ног сæргълæууæг ссис Хацырты Филипп, æмбæлон указ æртыццæджы бафыста президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны йæ пресс-службæ.
Администрацийы раздæры къухдариуæггæнæг Дриаты Заза ацыд отставкæйы ацы аз апрелы.
Цыбыр биографион справкæ
Хацырты Филипп Шотайы фырт райгуырд 1964 азы 8 январы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы фæллойгæнджыты бинонты æхсæн.
1986 азы каст фæцис Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ.
1992-1995 æзты службæ кодта фидауынгæнæн тыхты рæнхъыты батальоны командиры бынаты.
1998-2009 æзты службæ кодта РХИ хъахъхъæнынады министрады.
Ис ын бинонтæ, æртæ сывæллоны.