Уæрæсейы боны тыххæй Хуссар Иры баулæфдзысты æртæ боны фæд-фæдыл

© Sputnik / Ада БагианДом правительства РЮО
Дом правительства РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы бон ацы аз æрхаудта къуырисæрмæ, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны уыдзæн дæргъвæтин улæфтытæ

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы бон — 12 июнь расидт æрцыд улæфт бонæй, уымæ гæсгæ республикæйы улæфдзысты æртæ боны фæд-фæдыл — сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæры (10,11 æмæ 12 июны), фехъусын кодтой хицауады аппараты.

Уæрæсейы бон у иууыл æвзонгдæр паддзахадон бæрæгбæттæй сæ иу, уымæн бындур æрæвæрдтой 1990 азы, РСФС Адæмон депутатты съезд куы райста бæстæйы паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци.

Хуссар Ирыстоны ацы датæ улæфт боныл нымад цæуы 2005 азæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0