Хуссар Иры уæрæсейаг æфсæддонтæ систой уæлдæфмæ æнæпилотон аппаратты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры уæрæсейаг æфсæддонтæ систой уæлдæфмæ æнæпилотон аппаратты
Хуссар Иры уæрæсейаг æфсæддонтæ систой уæлдæфмæ æнæпилотон аппаратты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзарцъемы полигонмæ рахызтысты Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы 1,5 мин æфсæддон службæгæнæджы

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейаг æфсæддонтæ æрæвнæлдтой быдырон ахуыртæм Дзарцъемы полигоны, уыдон рæстæджы спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй. Ахуырты исынц хайад 1,5 мин адæймагæй фылдæр, фехъусын кодта майрæмбоны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Ӕфсӕддон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейаг æфсæддонты Хуссар Ирыстоны сыстын кодтой фæдисы

Ведомствæ куыд нысан кæны, афтæмæй æнæпилотон тæхгæ аппараттæй пайдакæнынад дæтты фадат хорз æмбæхст ныхмæлæууæджы раргом кæнын, уый нымæцы æхсæвы дæр.

"Хуссар Ирыстоны уæвæг ХФЗ-ы уæрæсейаг æфсæддон базæйы полигоны Дзарцъемы быдырон ахуыртæм æрæвнæлдтой 1,5 мин æфсæддоны. Ахуырты рæстæджы уыдон активонæй спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй", — хъусын кæны РИА Новости зылды хъусынгæнинаг.

Уым нысан цæуы, дæлхайæдты командирты къухдариуæгады бын службæгæнджытæ кæй бæрзонддæр кæндзысты сæ дæсниад хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæйæ пайдакæнынады — нырыккон танктæй Т-72БМ, фистæгæфсады машинæтæй БМП-2, хæдцæугæ артиллерион машинæтæй "Акация" æмæ "Гвоздика".

Кæронбæттæны экипажтæ сæххæст кæндзысты æфсæддон æхст танктæй, штатон хæстæрмæджытæй, фистæгæфсады машинæтæ æмæ хæдцæугæ артиллерион машинæтæй æнæпилотон тæхгæ аппараттæй спайда кæнгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0