Цхинвалæн раздахдзысты "Стыр парк"

© Sputnik / Natalia AiriyanФотолента о весне
Фотолента о весне - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арæзтады министрад нывæнды Цхинвалы "Стыр парчы" реконструкцийæн рахицæн кæнын 33 милуан сомы, цæмæй та уый суа цхинвайлæгты уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иу

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы Леуахийы былыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парк, цæрджыты æхсæн зындгонд куыд "Стыр парк", баййафдзæн реконструкци, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны арæзтад, архитектурæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей.

Тӕссаг хъеллаугӕнӕнтӕ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, проектон куыстытæ райдайдзысты ацы аз, финæнмæ та парчы айтынг уыдзæн масштабон арæзтад. Министры хæдивæг бафиппайдта, парчы хæрзарæзтадæн кæй рахицæн кæндзысты 33 милуан сомы.

"Парк хæсдзæн фылдæр спортивон-хосгæнæн нысаниуæг, уымæн æмæ йæ территорийыл ис æвæрд спорты галуан "Олимп". Парчы сараздзысты фистæгвæндæгтæ, велофæндæгтæ, афтæ ма аттракционтæ. Стыр хъусдард здæхт æрцæудзæн рухсы фæдыл куыстытæм. Арæзт ма дзы æрцæудзæн цад дæр", — загъта Гаглойты Сергей.

Советон Цæдисы ныппырх æмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы онг "Стыр парк" уыд цæрджыты иууыл уарзондæр фæллуадуадзæн бынат. Хæст нæ бацауæрста аив бынатыл æмæ ма кæддæры аттракционтæй аззад æрмæстдæр пырхæнтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0