Транскам байгом автомобилон змæлдæн

© Sputnik / Екатерина ВалиеваСход сели на Транскаме
Сход сели на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг уыд æхгæд æртыццæджы æхсæвы Тамискы цур цъыфы зæйы æрцыды аххосагæй

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Транскамы автомагистралыл транспортон змæлд сæндидзыдта 14:00 сахатыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управлени.

Ӕрдзон бӕллӕх Цæгат Иры: хиды аласт ӕмӕ адӕмы эвакуаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзон бӕллӕх Цæгат Иры: хиды аласт ӕмӕ адӕмы эвакуаци

"21 июны 14:00 сахатæй сæрмагонд бардзырды онг Транскамы фæндаг у гом автотранспортон змæлдæн дыууæрдæм дæр æнæ арæнæвæрдæй. Ахæм уынаффæ райстæуыд автотранспортон фæрæзты æдас цыд сифтонг кæныны нысанæн", — дзырдæуы уæлвæткон уавæрты ведомствæйы хъусинаджы.

Фæндаг уыд æхгæд æртыццæджы æхсæвы Тамискы цур цъыфы зæйы æрцыды аххосагæй.

Транскамы автомагистраль у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0