"Иугонд Ирыстоны" парламентон фракци равзæрста ног лидеры

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южной Осетии
Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иугонд Ирыстон" равзæрста парламентон фракцийы ног лидеры æмæ схъæлæс кодта, цæмæй Тасойты Дмитрий сæрибаргонд æрцæуа ЦК сæргълæууæджы хæстæй

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийы сæргъ æрлæууыд Хуссар Ирыстоны закондæттæн органы спикер Гасситы Петр. Ахæм уынаффæ фракцийы депутаттæ райстой æртыццæджы рабадты рæстæджы, æмхъæлæсæй йæ кандидатурæйы фарс балæугæйæ.

Дмитрий Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрий: æвæццæгæн, рахиздзынæн "Иугонд Ирыстоны" фракцийæ

Гасситы Петры кандидатурæ банхъардта Коцты Олеся, кæцы банысан кодта, зæгъгæ,"сæвзæргæ законбæрцадмæ гæсгæ — фракцийы фæдыл бæрндзинад йæхимæ спикер куы райсы, уаид раст ацы æххæстбартæ адæттын закондæттæн органы ног спикермæ". Йæ æнхъарæн депутаттæ айстой æнæ ныхмæдзырдæй.

Парламенты спикер æмæ "Иугонд Ирыстоны" фракцийы ног лидер Гасситы Петр загъта бузныг рабадты хайадисджытæн бакæнгæ æууæнчы тыххæй.

Парти "Иугонд Ирыстоны" раздæры сæргълæууæг ацыд политикон баиугæнды рæнхъытæй, республикæйы президентæй равзæрст куы æрцыд, уæд.

Партийы ног лидеры ном раргом уыдзæн съезды фæстæ, кæцы хъуамæ уагъд æрцæуа июлы.

Фракцийы лидеры равзæрсты фæстæ та парти "Иугонд Ирыстон"-ы офисы уагъд æрцыд централон комитеты æмбырд, цы ран ЦК-ы сæргълæууæг Тасойты Дмитрийы ссæрибар кодтой йæ æххæстбартæй.

Æргом хъæлæсæппæрсты рæстæджы ацы партион бынатмæ равзæрст æрцыд Гæбæраты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0