Зындгонд адæмы пантеоны Цхинвалы фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн Джусойты Нафи

Поэт Нафи Джусойты
Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны сæрыстыр кæмæй у, уыцы адæмæн хицæн уæлмæрдӕн сæрмагонд бынат рахицæн æрцыд Цхинвалы районы Тъбеты хъæумæ хæстæг

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны кадджын адæмы пантеоны фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн зынгæ ирон ахуыргонд Джусойты Нафи. Зынгӕ политикон, сфӕлдыстадон ӕмӕ культурон архайджытӕн хицæн уæлмæрдæн бынат равзæрстой Цхинвалы ныгуылӕйнаг фарс, Тъбеты хъӕуырдӕм схизӕны Дзуары цур, фехъусын кодта Sputnik Джусойты Нафийы зиан бавæрыны фӕдыл къамисы уæнг, зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг Челехсаты Хъазбег.

Хуссар Ирыстон цыппӕрӕмы, 29 июны хӕрзбон зӕгъдзӕн номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийӕн. Республикæйы президент Бибылты Анатолийы бардзырмæ гæсгæ, 29 июнь расидт æрцыд фыдохы бонæй.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи - куыд ӕй бахъуыды кодтам, афтӕмӕй

"Рагӕй фӕстӕмӕ дзырдӕуы, цӕмӕй нӕ номдзыд адӕмӕн арӕзт ӕрцӕуа "пантеон". Ныр уыцы фарст лыггонд ӕрцыдис Бибылты Анатолийы инициативӕмӕ гӕсгӕ. Къамисы уӕнгтӕ фӕтымбыл стӕм ӕмӕ равзӕрстам Тъбетмӕ схизӕны Дзуар (Крест) ӕвӕрд кӕм ис, уый фарсмӕ, нӕзы бӕлӕсты цур. У тынг рӕсугъд ӕмӕ аив бынат. Фыццаг дзы бавӕрдзыстӕм Нафийы ӕмӕ йын фӕлмӕн уӕд, бирӕ цы Фыдӕлты зӕхх уарзта, уый", — загъта Челехсаты Хъазбег.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, стӕй фӕстӕдӕр, зиан бафснайыны фӕстӕ, фӕнд кӕнынц йе фсымӕр, зынгӕ ирон поэт Хаджеты Таймуразы дӕр, кӕцы ныгӕд ис Ногиры уӕлмӕрды, Нафийы цурмӕ ӕрласын.

Нафийы марды чырын 29 июны райсомӕй сихормӕ æвæрд уыдзæн парламенты залы. Ардӕм алкӕмӕн дӕр уыдзӕн фадат ӕрбацӕуын ӕмӕ зӕгъын фæстаг хæрзбон зонады ирд архайæгӕн.

Джусойты Нафи йæ цардæй ахицæн 25 июны Дзæуджыхъæуы 92 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0