Цхинвалы æрурæдтой уынгты цалцæг: цæрджытæ тыхсынц

© Sputnik / Наталья Айриянулица Джиоева
улица Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Джиойы фырты уынджы хæрзарæзтадмæ æрæвнæлдтой ацы аз майы. Дæлзæхх хызæгты фæдыл куыстытæ иууылдæр æххæст æрцыдысты, фæлæ асфальтæй æмбæрзынмæ нырма дæр нæ æрæвнæлдтой

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Цхинвалы бакъуылымпы ис Джиоты Дауыты уынг асфальтæй æмбæрзыны куыст. Уынджы цæрджытæ тыхсынц сæвзæргæ уавæрæй — рыг æмæ чъизийæ, кæцы ма зиан хæссы се ′нæниздзинадæн дæр.

"Цалдæр мæйы дæргъы мах ныхъуырæм ацы рыг, быхсæм къæвдаты рæстæджы чъизи æмæ цъыф æрмæстдæр иу нысанæн — цæмæй нæ уынг æрцæуа асфальтгонд. Фæлæ куыстытæ урæд æрцыдысты, цæуы ныхæстæ, зæгъгæ, кусджытæн нæ фидынц æхца æмæ уый тыххæй нал разы кæнынц кусын. Нæ хæдзæртты онг цæуæм хуырыл, машинæтыл дзырд дæр нал цæуы. Хæдзæрттæй хизæм æрмæст бахъуыды рæстæджы", — катай кæны Джиойы фырты уынджы цæрæг.

Арæзтады министрады пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, финанскæнынадимæ кæй ницы проблемæ ис, уынджы цалцæггæнæн куыстыты къуылымпыдзинæдтæ баст кæй сты формалондзинæдтимæ.

"Нардуатисджытӕ алы этапыл дӕр хъуамӕ бавдисой Арӕзтады министрадмӕ бакӕнгӕ куыстыты фӕдыл акт, уый фӕстӕ уыдонӕн хицӕн ӕрцӕуынц ӕхцайы фӕрӕзтӕ дарддӕры куыстытӕн. Ницы проблемӕтӕ ӕмӕ фӕстиӕттӕ ис уынджы цалцӕджы. Кусджытӕ нӕм бавдыстой акт ӕмӕ къуырийы дӕргъы райсдзысты ӕхца иннӕ куыстытӕн", — загътой министрады пресс-службӕйы.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Дауыты уынг
улица Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Дауыты уынг

Ведомствӕйы ныфс бавӕрдтой, арӕзтадон куыстыты къуыхцытӕ кӕй нӕ бандавдзысты объект рӕстӕгыл эксплуатацимӕ раттыны хъуыддагыл.

2017 азы Инвестицион нывӕзмӕ хаст ӕрцыд 471 милуан сомы горӕты 12 уынджы хӕрзарӕзтадӕн. Капиталон цалцӕг домынц Джиойы фырты, Скъолайон, Фӕсивӕдон, Колыты Аксойы, Сомихӕгты, Заводы, Комаровы, Герцены, Калинины, Кутузовы, Кировы ӕмӕ Дзауы уынгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0