Транскамы фæндаг у æхгæд цъыфы зæйы æрцыды аххосæй

© Sputnik / Екатерина ВалиеваСход сели на Транскаме
Сход сели на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг æрæхгæдтой Транскамы 71 километрыл цъыфы зæйы æрцыды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Цæгатирыстойнаг УУМ æрæхгæдта автотранспортон змæлд Транскамы автомагистралыл сæрмагонд бардзырды онг, фехъусын кодтой ведомствæйы пресс-службæйы.

Тобæ баст у æвзæр боныгъæдимæ, кæцытæ расайдтой трассæйы фадгуытæй иуыл цъыфы зæйы æрцыд.

"Транскамы 71 километрыл цъыфы зæйы æрцыды тыххæй æхгæд æрцыд автотранспортон фæрæзты змæлд Бурон-Ручъы туннелы цæгаттаг порталы фадыгыл дыууæрдæм дæр 2017 азы 5 июлы 5:00 сахатæй сæрмагонд бардзырды онг", — банысан кодтой УУМ-ы.

Ирвæзынгæнджытæ фæдзæхсынц шофырты, цæмæй сæхи бахизой балцтæй ацы фæндагыл, цалынмæ боныгъæд нæ фæхуыздæр уа, уæдмæ.

Ирвæзынгæнджыты тыхтæ æмæ фæрæзтæ, афтæ ма аварион службæтæ иууылдæр сты цæттæдзинады режимы алы уæлвæткон уавæрмæ дæр.

Транскам у иунæг транспортон фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0