Ноджы ма иу лагерь: Хуссар Иры фæсивæд баулæфдзысты Къуыдаргомы

© Sputnik / Наталья АйриянКударское ущелье
Кударское ущелье - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министрад 11 июлы æрбакæндзæн Къуаисайы астæуккаг скъолайы бындурыл сæрдыгон лагерь. Ам баулæфдзысты дыууæ къорды скъоладзаутæ Цхинвал æмæ Къуаисайæ

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæн 11 июлæй йæ дуæрттæ ʻрбакæндзæн сæрдыгон лагерь Къуаисайы. Фыццаг къорды ам баулæфдзысты 45 скъоладзауы Цхинвал æмæ Къуаисайæ, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.

В долине реки Ардон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты лагерь "Тамиск" райсдзæн фондз къорды

Цхинвалы ныридæгæн кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн кусы æрвылазон сæрдыгон лагерь скъола—интернаты бындурыл. Хистæркъласонтæ æрвыл аз тырныдтой Гуфтайы скъолайы бындурыл уæвæг лагерьмæ, фæлæ ацы ахуырадон уагдон скъола-сабидонмæ куы рацарæзтой, уый фӕстӕ дзы фадат нал ис лагерь саразынӕн.

Ныр та организатортæ равзæрстой Къуайсайы скъолайы бæстыхай сæрдыгон улæфæн бынатæн.

"Скъоладзаутæ ацæудзысты улæфынмæ дыццæджы. Фыццаг къорд фылдæр бæрцæй у фидаргонд, йæ сконды сты Цхинвал æмæ Къуайсайы ахуырдзаутæ 11-15 азы кары онг. Уыдон ам улæфдзысты 24 июльмæ, уый фæстæ сæ раивдзæн дыккаг къорд. Фыццаг рады æрвитæм бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæтты", — радзырдта министрады уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльза.

Уый ма банысан кодта, улæфджытæн бацæттæгонд кӕй æрцыд сæрмагонд нывæзт, фӕсивӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц интеллектуалон хъӕзтытæ æмæ спортивон ерыстæ, конкурстæ æмӕ балцытæ Къуыдаргомы рæсугъд бынæттæм, афтӕ ма фембæлдтæ цымыдисон гоймæгтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0