Депутаттæ рахастой æнæууæнчы вотум вице-спикер Тасойты Дмитрийæн

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южной Осетии
Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты фылдæр хай схъæлæс кодтой Тасойты Дмитрийæн вице-спикер æмæ комитеты сæргълæууæджы хуызы æнæууæнчы вотум рахæссынæн

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Козаты Диана. Тасойты Дмитрий суæгъд кæндзæн йе 'ххæстбартæ куыд вице-спикер æмæ æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады фæдыл парламентон комитеты сæрдар. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны дыккаг хатт рахаста Тасойты Дмитрийæн æнæууæнк равдисыны фарст.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты вице-спикерæн рахæсдзысты æнæууæнчы вотум

Фракци "Иугонд Ирыстон"-ы раздæр загътой, уый баст уыд Тасойты Дмитрийы телехъусынгæнинагимæ, ома хъуамæ ахиза "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийы скондæй.

"Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ схъæлæс кодтой Тасойты Дмитрийæн вице-спикер æмæ комитеты сæргълæууæджы хуызы æнæууæнчы вотум рахæссынæн. Рабадтыл цы 31 депутаты уыд, уыдонæй вице-спикерæн æнæууæнчы вотум рахæссыны тыххæй схъæлæс кодтой 22 парламентарийы, ныхмæ — авд, хъæлæскæнынады бюллетентæй дыууæ та разынд хæлд. Куыд комитеты сæргълæууæг, афтæ Тасойты Дмитрийæн æнæууæнк равдыстой 23 депутаты, авд разы не ′сты ацы скъуыддзагимæ, иу бюллетень та разынд æнæтых", — банысан кодта агентады дзырдæмбал.

Уый бафтыдта, дыууæ фарсты фæдыл хъæлæскæнынад кæй уыд сусæг. Бафтыдта ма, абоны хъæлæскæнынад кæй никуыд бандавдзæн Тасойты Дмитрийы статусыл, уымæн баззайдзæн депутатон мандат.

Дмитрий Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрий: æвæццæгæн, рахиздзынæн "Иугонд Ирыстоны" фракцийæ

Амæй размæ рабадтыл Тасойты Дмитрий фехъусын кодта, депутаттæ кæй халынц куысты регламент æмæ ахæм фарстытæ скъуыддзаг кæныны процедурæ. Парламентаритæ аскъуыддзаг кодтой иу къуыримæ аргъæвын уынаффæтæ.

Уый ма æрдомдта ауадзын партийы съезд, цы ран йæ уæнгтæ раргом кæниккой сæ позици.

Раздæр, йæ аккаунты социалон хызæг Facebook, Тасойты Дмитрий карз формæйы критикæйы бын фæкодта Гасситы Петры спикерæй равзæрст.

Тасойты Дмитрийæн æнæууæнчы вотумы фарстыл цы рабадтыл уынаффæ кодтой, уый уагъд цыд æхгæд дуæртты фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0