Хуссар Иры скъолатӕм ацы аз бацӕудзӕн 798 фыццагкъласоны

© Sputnik / Алексей Ковалев1 сентября в Цхинвале
1 сентября в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕуты скъолатӕй кӕцыдӕрты ацы аз нӕ уыдзӕн фыццӕгӕм кълӕстӕ, сывӕллӕттӕ дзы кӕй нӕй, уый аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Ног ахуыры азы Хуссар Ирыстоны скъолатӕм ӕрбацӕудзӕн 798 фыццагкъласоны, фехъусын кодта хицауады ӕмбырды ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элисо.

"Горӕттаг скъолатӕм, ӕнӕпаддзахадонтимӕ иумӕ, бацӕудзӕн 638 сывӕллоны. Знауыры районы нӕм ис 37 фыццагкъласоны, Дзауы районы — 60, Цхинвалы раййоны та ӕрӕмбырд 28 сывӕллоны. Ленингоры районы та фыццаг хатт скъолайы къӕсӕрӕй бахиздзӕн 35 сабийы", — ранымадта министры хӕдивӕг.

Фарон, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццагкъласонты нымӕц республикӕйы уыд 703.

Гаглойты Элисо ма бафтыдта, хъӕуты скъолатӕй кӕцыдӕрты ацы аз кӕй нӕ уыдзӕн фыццӕгӕм кълӕстӕ, сывӕллӕттӕ дзы кӕй нӕй, уый аххосӕй.

"Фыццӕгӕм кълас нӕ уыдзӕн Арцеу, Бихъар, Дампалет ӕмӕ ӕндӕр хъӕууон скъолаты. Ацы хъӕуты нӕй сывӕллӕттӕ ахӕм кары", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0