Цхинвалы расидтысты Иры хъайтарты цардвæндагыл уацты конкурс

© Sputnik / Анна КабисоваДом, в котором жил Парпат
Дом, в котором жил Парпат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Литературон конкурс цæуы ХИПУ-йы 85-азон юбилейы цытæн Хуссар Ирыстоны президент æмæ ахуырадон уагдоны хъæппæрисæй

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны расидтысты литературон конкурс "Ирыстоны истори йæ хъайтарты цардвæндагæй". Сфæлдыстадон конкурсы хайад райсыны фадат ис ХИПУ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнӕндӕтты студенттæн, афтӕ ма республикӕйы скъолаты хистæркъласонтæн. 

Литературон конкурс расидтысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон универститеты 85-азон юбилейы цытæн Хуссар Иры президент æмæ ахуырадон уагдоны хъæппæрисæй.

Чырыстон конкурс Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фæбæрæг сты чырыстон конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы уæлахиздзаутæ

"Конкурсмæ бавдисгæ уацтæ хъуамæ таурæгъ кæной ирон хъайтартыл, кæцытæ расгуыхтысты Хуссар Ирыстоны фыдыбæстæйон хæсты, паддзахон режимы рæстæджы хæстон архӕйдтыты, Стыр Фыдыбæстӕйон хæсты быдыры, афтæ ма сабыр царды райгуырæн бæстæйæн чи балæггад кодта, уыцы адӕмыл", — загътой Sputnik универститеты.

Уацтæ хъуамæ æрцахсой 20 сыфы бæрц æмæ фыст æрцæуой Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæгтыл. Куыстытӕ исдзысты сентябры онг. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ мыхуыр æрцæудзысты æмбырдгæндтæ.

Æппæт архайджытæ дӕр райсдзысты дипломтæ, уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кæндзæн президент лæвæрттæй, æхцайы премитæй æмæ I, II, III къæпхæны дипломтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0