"Югосетпотребнадзор" сгары Цхинвалы дуканитæ

© Sputnik / Ада БагианПродуктовый магазин в Цхинвале
Продуктовый магазин в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Югосетпотребнадзор" хæлцадон дуканитæ æмæ объектты уадзы нывæзтгонд басгæрст афæдз иу хатт

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны столицæйы райдыдтой, санитарон нормæтæ æмæ домæнтæ хъахъхъæныны къабазы закондæттынад куыд æххæст цæуы, уый фæдыл контролон-хъусдардон мадзæлттæ. "Югосетпотребнадзор"-ы кусджытæ фæуазæг сты горæты базарадон объекттæй цалдæрмæ.

Главный санитарный врач Южной Осетии Марина Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Маринӕ: Хуссар Иры цӕрджытӕ сахуыр сты сӕ бартӕ хъахъхъӕнын

Sputnik уацхæссæг уыд горæты цæгат-скæсæйнаг фарс (ТЭК) цы базарадон объекттæ æвæрд ис, уыдон басгæрсты æвдисæн.

Мониторингы рæстæджы комитеты кусджытæ раргом кодтой хæлцы æвæрыны уавæрты фехæлд. Лæмбынæг басгæрсты фæстæ специалисттæ сарæзтой протокол уагæвæрд халыны фæдыл.

"Базарадон объект "ТЭК"-ы сгарæн мадзæлтты рæстæджы сæйраджыдæр æргом æрцыдысты уагæвæрды ахæм фехæлдтæ, куыд хицæн базайрæгты æнæуаг æвæрд, афтæ ма базайрæгтыл кæй нæ уыд аргъы тыххæй зонæнтæ. Мах сарæзтам протокол, кæцыйы бындурыл бакæндзысты административон уагхæлды фæдыл хъуыддаг æмæ скъуыддзаг æрцæудзæн ивары бæрц", — загъта "Югосетпотребнадзор"-ы минæвар Бежанты Эльда.

Уый банысан кодта, басгæрсттæ кæй адарддæр уыдзысты иу къуыри.

Ног хабӕртты лентӕ
0