Уæрæсейаг неонатологтæ адих кæндзысты сæ фæлтæрддзинад Хуссар Иры дохтыртимæ

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæРабота детской больницы
Работа детской больницы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг дохтыртæ æрцыдысты хуссарирыстойнаг столицæмæ Уæрæсейы специалистты æмархайды программæмæ гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Уæрæсейаг неонатологтæ (ноггуырдты æнæниздзинадимæ проблемæтæ цы дохтыртæ ахуыр кæнынц) æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй сахуыр кæной бынæттон медицинон уагдæтты дохтырты æмæ медицион персонал, фехъусын кодта Sputnik æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-секретарь Битеты Ирина.

Рынчындоны сывæллæтты хайад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты поликлиникæ ног бынаты: уæрæхдæр фадæттæ хос кæнынæн

Уæрæсейаг дохтыртæ æрцыдысты хуссарирыстойнаг столицæмæ Уæрæсейы специалистты æмархайды программæмæ гæсгæ. Программæ рагхыгъд кæны республикæмæ нарæгпрофилон специалистты фæхуынд. Йæ фæлгæтты специалисттæ цæудзысты нæ республикæмæ 6-18 мæйы æмгъуыдмæ.

"Дыууæ неонатологы Цæгат Ирыстонæй кусдзысты Цхинвалы æмæ уый æмрæстæджы ахуыр кæндзысты дохтырты æмæ медперсонал. Сæ куыст адарддæр уыдзæн иууыл къаддæрæй æрдæг афæдз. Фæлæ сæ куы бафæнда, уæд сæ бон у æмæ фæфæстиат уой фылдæр рæстæг", — загъта Битеты Ирина.

Ведомствæйы пресс-секретарь банысан кодта, æввахс рæстæджы æмархайды программæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцæудзæн сывæллæтты хирург, кæцы сахуыр кæндзæн медперсонал лапароскопыл кусын, уы та сын ратдзæн фадат ацы ифтонггарзыл операцитæ аразын. Уымæй дарддæр ма, нывæзты ис анестезиолог-реаниматологы æрцыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0