Амард Хуссар Ирыстоны фыццаг президенты чызг

© Sputnik / РИА НовостиМарина Чибирова
Марина Чибирова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыбырты Марина æртæ азæй фылдæр лæууыд Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады сæргъ, ацы аз ыл сæххæст уыдаид 47 азы

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дæргъвæтин рынчыны фæстæ амард республикæйы фыццаг президент Цыбырты Людвигы чызг — Марина. Уый йæ цардæй ахицæн цыппæрæмы æхсæвы.

Цыбырты Марина бирæ рæстæг фæкуыста Хуссар Ирыстоны ахуырады къабазы. 2012 азы майы уый нысан æрцыд ахуырады министрæй. Ацы бынаты куыста 2015 азы онг.

Уыцы аз ма Маринайæн лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæджы ном.

Зонадон архайды дæргъвæтин æзты мидæг Цыбырты Марина бахаста стыр хайбавæрд квалификацигонд кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Ацы аз Марина Людвигы чызгыл сæххæст уыдаид 47 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0