Хуссар Ирыстоны Адæмон парти ауагъта йæ ног лидеры æвзæрстытæ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæУрна для голосования. Архивное фото
Урна для голосования. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон парти Хуссар Ирыстоны парламенты æвдыст у цыппар депутатæй

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адæмон парти ауагъта съезд, цæй боны фæткы сæйраг фарст ссис партион баиугæнды ног лидеры равзæрст. Делегаттæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой партийы ныры разамонæг Плиты Александры кандидатурæйæн.

Ногæй равзаргæ лидер загъта бузныг делегаттæн бакæнгæ æууæнчы тыххæй æмæ ныфс бавæрдта кусын фылдæр тыхтимæ.

"Бузныг уын зæгъын ахæм кад мын кæй скодтат æмæ ахæм æууæнк кæй бакодтат, æмæ уын дзырд дæттын кæй кусдзæн фылдæр тыхтимæ хуымæтæг адæмы хæрзиуæгæн", — загъта Плиты Александр.

Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент ацыд каникулты "æнæ къудитæй"

Уымæй дарддæр ма делегаттæ сусæг хъæлæсæппæрстæй загътой сæ хъуыды генералон советы ног сконды тыххæй, кæцы арæзт æрцыд регионалон конференциты рæстæджы. Номхыгъды сты партийы 14 уæнджы — депутаттæ, алы регионты минæвæрттæ, партийы активон уæнгтæ.

Съезды ма райст æрцыд уынаффæ, цы ран дзырдæуы, зæгъгæ, "Адæмон парти дарддæр дæр лæудзæн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы равзаргæ курсы фарсмæ æмæ йын бакæндзæн алыварсон æххуыс".

Адæмон парти Хуссар Ирыстоны парламенты æвдыст у цыппар депутатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0