МХМ-ы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы адавыны фæдыл равзæрсты цыды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæрæджы давджытæй иуы агуырд нырма ницы фæстиуджытæ радта, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны слестгæнæн органтæ сгарынц, адæймаг адавыны фæдыл цы æмбæстаджы æрцахстой, уый æндæр резонансон фыдракæндты иста хайад æви нæ, загъта Sputnik МХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг, криминалон милицийы сæргълæууæг Уалыты Муртаз.

Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ бастдзинады комитеты сæргълæууæджы фæнадтой æмæ дзы байстой æхца

Цхинвалы цæрæг Цхуырбаты Александры адавтой йæ зæххы фадыгæй Присы хъæуы. Оперативон кусджытæ æрцахстой, зæрдæ кæмæ ахсайдта фыдракæнд саразынмæ, уыдонæй иуы — Къæбысты Андрейы. Уый басаст ноджы цалдæр фыдракæнд саразыны хъуыддаджы, кæцытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, сарæзта цавæрдæр Гæбæраты Сæрмæтимæ. Ныртæккæ уый агурынц тыхон структурæты минæвæрттæ.

"Ныртæккæ цæуы равзæрст, фæстаг рæстæджы цы резонансон фыдракæндтæ арæзт æрцыдысты, уыдоны азымгонд иста хайад æви нæ, уый фæдыл. Басгæрст нырма цæуы æмæ фидарæй нæй зæгъæн, азымгонд æмæ йе "мбал" сарæзтой ацы фыдракæндтæ, уый", — загъта Уалыты Муртаз.

Министры хæдивæг бафтыдта, дыккаг азымгонды кæй агурынц интенсивонæй, фæлæ къухты нырма нæ бафтыд æвæрццаг фæстиуджытæ.

Ацы аз марты ма республикæйы арæзт æрцыд ноджы иу резонансон фыдракæнд — æбæрæг гоймæгтæ балæбурдтой бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг 58-аздзыд Джиголаты Хасаны хæдзармæ Дменисы хъæуы. Фыдвæндгæнджытæ ахастой хæдзарæй сыгъзæринтæ æмæ 385 мин сомы æхца.

Ног хабӕртты лентӕ
0