Хуссар Иры равзæрстой сæ хайадисджыты проект "Хæлардзинады маякты"

© Sputnik / Наталья АйриянЖанна Зассеева и Петр Гассиев
Жанна Зассеева и Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" райдианы размæ Sputnik пресс-центры уагъд æрцыд видеохид Мæскуыимæ, цы ран райстой хайад проекты организатортæ æмæ йæ куратортæ Хуссар Ирыстоны, афтæ ма республикæйы фæсивæды минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстон сарæзта хайадисджыты къорд проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" æмæ равзæрста объект, кæцыйы сæндидзын кæныныл кусдзысты къорды уæнгтæ, радзырдта журналисттæн культурæйы министр Зассеты Жанна.

Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бангом уыдзӕн проектмӕ "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуытӕ"

Проект йæ куыст райдайдзæн ацы аз 30 июлы. Студенттæ Мæскуыйæ æрцæудзысты Цæгат Кавказмæ, цы ран се ′мбæйттимæ республикæтæ-хайадисджыты уæлдæр ахуырадон уагдæттæй ауадздзысты куыстытæ кавказаг мæсгуыты бахъахъхъæнын æмæ сæндидзын кæныны фæдыл.

Проекты фæлгæтты арæзт цæуынц цыппар регионалон къорды фæйнæ дæс адæймагæй иу республикæйæ: Дагестан — Хуссар Ирыстон, Цæцæн — Хъæрæсе-Черкеси, Мæхъæл — Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон — Адыгей.

"Нæ республикæйæ командæ сарæзыныл архайдта фæсивæдон æхсæнадон организаци "Иугонд Алани". Равзæрстам фондз адæймаджы. Куыстмæ æрæвналдзысты Пятигорскмæ ныццæугæйæ — æхсæзæм августы", — загъта Зассеты Жанна.

Культурæйы министр ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон кæй равзæрста уникалон бынат æмæ мæсыг рацарæзтон куыстытæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый мыггаджы мæсыг нæу, фæлæ комы æмæ ис æвæрд рсепубликæйы Къуыдаргомы уæлхох бынаты — Хъеуселты хъæуы.

Гусаров радзырдта Цхинвалы проект Хӕлардзинады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гусаров радзырдта Цхинвалы проект "Кавказы мӕсгуыты" тыххӕй

Уымæй дарддæр ма министр банысан кодта, республикæйы къухдариуæгад кæй бакуыста цымыдисаг программæйыл.

Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон у æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" официалон информацион партнер. "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" — æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект, кæцы нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ бæстæйы туристон фадæтты популяризацийæн.

Проекты райсдзысты хайад 80 адæймаджы, се ′мбис — мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, аннæ æмбис та — хайадисæг-республикæты фæсивæды минæвæрттæ

Ног хабӕртты лентӕ
0