Хуссар Иры арæныл Гуырдзыстонимæ æрцахстой чехийаг туристы

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры арæн Гуырдзыстонимæ
Хуссар Иры арæн Гуырдзыстонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2017 азы арæны фехæлды цаутæн сæ фылдæрæн уыд хæдзарадон-цардуагон бындур, фæлæ æрцахстуæвджыты нымæцы разынд турист Чехийæ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæныл Гуырдзыстонимæ ацы азы фыццаг æмбисы ахст æрцыд 109 арæнсæттæджы, уый нымæцы иу турист Чехийæ, фехъусын кодтой республикæйы паддзахадон æдасдзинады пресс-службæйы.

Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, æдæппæт ацы æмгъуыды мидæг арæнсæтджытæ банысан кодтой 181 фæткхæлды, уыдонæй 109 баст уыдысты паддзахадон арæны æмæ 72 та арæнгæрон режимы фехæлдимæ.

Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон сдзуапп кодта йæ арæнтыл патрулы зилыны акцийæн

Комитеты куыд банысан кодтой, афтæмæй "Евроцæдисæй Гуырдзыстонмæ цæуæг туристтæм гуырдзыстойнаг хицауадæн æбæрнон ахаст кæй ис, уый тыххæй арæнсæтджыты нымæцы разынд Чехийы æмбæстаг дæр".

Уымæй дарддæр ма, январы æмæ июны нысан æрцыдысты арæн фехалыны цаутæ, кæцытæ баст уыдысты, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хуыздæр цардагур кæй цыдысты, афтæ ма сæ Хуссар Ирыстоны политикон æмбæхсæндон кæй фæндыд райсын, уыимæ. Фæткхæлдты фылдæр хайæн уыд хæдзарадон-цардуагон бындур.

ПӔК-ы арæнгæрон службæ алы факты фæдыл дæр уагъта равзæрст.

Иумæйагæй, арæнсæтджытæ паддзахады къазнæмæ бафыстой ивартæ 248 мин сомы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0