Цхинвайладжы давæджы аххосджын кæнынц бастдзинады комитеты гæсы хæдзармæ балæбурды

© Sputnik / Михаил ХасиевКъӕбысты Андрей
Къӕбысты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Слестгæнæн органтæ сбæлвырд кодтой Къæбысты Андрейы азым Хуссар Ирыстоны бастдзинады комитеты разамонæг Джиголаты Хасаны хæдзармæ балæбурды, кæцы арæзт æрцыд 11 майы

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik, Козаты Диана. Слестгæнæн органтæ сбæлвырд кодтой Къæбысты Андрейы азым, кæцымæ зæрдæ æхсайы адæймаг адавыны хъуыддагмæ, Хуссар Ирыстоны бастдзинады комитеты разамонæг Джиголаты Хасаны хæдзармæ балæбурды дæр, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ-ы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы адавыны фæдыл равзæрсты цыды тыххæй

Къæбысты Андрей у ахст Цхинвалы цæрæг Цхуырбаты Александры адавыны хъуыддаджы ахæстаргъ райсыны нысанæн. Ӕрфарсты рæстæджы уый басаст ноджы цалдæр фыдракæнд саразыныл. Слестгæнæн органтæ райдыдтой басгæрст йæ азымы фæдыл фæстаг мæй цы резонансон фыдракæндтæ æрцыд арæзт, уыдоны.

"Цхинвалы 34-аздзыд цæрæджы ныхмæ оперативон-слестгæнæн мадзæлтты рæстæджы, бæлвырд æрцыд, Джиголаты Хасаны цур цы чысыл донуат ис, уым æппæрст кæй æрцыдысты, 11 майы Джиголаты Хасаны хæдзарæй балæбурды рæстæджы цы дзаумæттæ адавдæуыд, уыдон", — загътой МХМ-ы.

Бынатмæ фæсидтысты слестгæнджытæ æмæ генералон прокуратурæйы эксперт-криминалисттæ, афтæ ма УУМ-ы дæлдондзæуджытæм, кæцытæ донуаты бынæй систой телевизор, аудиомагнитофон æмæ аудиоколонкæтæ машинæйæ.

"Къæбысты Андрей басаст йæ азымыл ацы фыдракæнды, афтæ ма ноджы иу балæбурд саразыныл горæт Цхинвалы 5 июны. Ӕрмæджытæ æрвыст æрцыдысты генералон прокуратурæмæ", — радзырдтой пресс-службæйы.

Оперативон кусджытæ ма раргом кодтой фыдгæнджыты сусæг æмбæхсæн бынат Цхинвалы районы Присы хъæуы. Ам ма æмбæхстис йæ æмархайæг — 26-аздзыд Гæбæраты Сæрмæт, кæцыйы ныртæккæ агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ.

Слестгæнджытæ ссардтой æмбæхсæн бынаты хæцæнгарз æнæсыбыртт æхсты системæимæ, алыгъуызон калибры 115 нæмыджы æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг дзаума хъæды цæрынæн: нæлгоймаджы дарæс, маскæ, хызын, мобилон телефон, рация, къухы хæсгæ фанар, хæрды егъау фæстауæрцтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0