Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстаджы

© Sputnik / Наталья АйриянАрцеу
Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнсæттæг æнæзакононæй æрбахызт Хуссар Ирыстоны территоримæ, Арæнгæрон службæ уадзы равзæрст

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй, фехъусын кодтой паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службæйы.

"28 июлы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл Ленингоры районы Ахмадзы хъæуы цур паддзахадон арæн фехалыны тыххæй ахст æрцыд Гуырдзыстоны æмбæстаг", — фехъусын кодтой ПӔК-ы.

Ведомствæйы банысан кодтой, азымгонд кæй разынд гуырдзиаг горæт Каспийы 31-аздзыд цæрæг Къудухты Леван.

ПӔК-ы арæнгæрон службæ уадзы равзæрст, скъуыддзаг цæуы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0