ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Зарӕггӕнӕг Икъаты Ибрагим, культурӕйы министрады ӕмархайдӕй ратдзӕн концерт "Ирон дӕн" Цхинвалы.
Мадзал ацӕудзӕн 17 августы ПККЗ "Чермен"-ы
Концерты ма хайад расдзысты сфӕлдыстадон архайджытӕ Даураты Эдуард, Харебаты Тимур, Хаситы Сослан, Тасойты Игорь, Фардзинты Батрадз, Икъаты Мадина, Джыгкайты Альбина, Ӕгайты Лейла ӕмӕ ансамбль "Амонд".
Икъаты Ибрагим — Хуссар Ирыстоны зындгонд зарӕггӕнӕг. Йӕ зарджыты фылдӕр бӕрц нывонд сты райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ уарзондзинадӕн. Ибрагим йӕхӕдӕг фыссы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ музыка йӕ заржытӕм.