ФХМ сæргълæууæг Хуссар Иры банымады тыххæй: 9 азмæ бирæ бантыст саразын

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий.
РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуы, Цхинвал æмæ Сухумы сбаста видеохид, кæцыйы архайджытæ æруынаффæ кодтой Хуссар Ир æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны фараст азы фæстæ сæ уавæрыл

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад Уæрæсейы æрдыгæй у историкон цау ирон адæмæн, фехъусын кодта кодта Sputnik пресс-центры фæсарæйнаг хъуыддæгты (ФХМ) министр Медойты Дмитрий.

Зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг скъуыддзаг

Sputnik пресс-центры майрæмбоны уагъд æрцыд видеохид Мæскуы-Сухум-Цхинвал, кæцы уыд нывонд Банымады боныл фараст азы сæххæстæн.

"Уæрæсейæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын уыд зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг скъуыддзаг. Фараст азмæ бирæ бантыст саразын, иннæ мæй дæр банысан кæндзыстæм ноджы иу ахсджиаг датæ – Уæрæсеимæ дипломатон ахастыты райдиан, хæларад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырды бафыст", — загъта Медойты Дмитрий.

Министр банысан кодта, бафыстгонд бадзырдтæ иууылдæр кæй кусынц, дыууæ бæстæйы ведомствæтæ та кæй кæнынц комкоммæ æмгуыстад.

ФХМ кусы Хуссар Иры дарддæры банымадыл

Медойты Дмитрийы ныхæсæтм гæсгæ, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæйраг хæслæвæрд у республикæйы æддагон бастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын æмæ йын æхсæнадæмон аренæйыл йæ уавæр фæфидардæр кæнын.

"Мах кусдзыстæм, Хуссар Ирыстоны цы бæстæтæ банымадтой, уыдон географи фæуæрæхдæр кæнын – Европæ, Ази æмæ дыууæ америкæйаг континент дæр. Нæ минæвæрттæ æндæр æмæ æндæр бæстæты кусынц бастдзинæдтæ саразыныл", — загъта Медойты Дмитрий.

Министр радта дзуапп абхазаг журналистты фарстæн, кæцыты цымыдис кодта хуссарирыстойнаг цæрджыты ахаст женеваг дискусситæм. ФХМ-ы сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн кæй у нысаниуæгджын ацы процесс, цы ран уымæн ис фадат йæ позици хъахъхъæнын æхсæнадæмон фæзуатыл. Уый бахахх кодта, хуссарирыстойнаг фарсæй архайджытæ сæхи бæстонæй кæй фæцæттæ кæнынц фембæлдтæм, уый фæстæ та саразынц анализ æмæ бæлвырд фæстиуджытæ.

Министр ма радзырдта, Хуссар Ирыстонæн Федерацийы Советы цы бонтæ ацæудзысты, уыдоныл. Уый банысан кодта, республикæйæн кæй ис, цы равдиса, уый æмæ проекты хайадист та суыдзæн ахсджиаг цау.

Ног хабӕртты лентӕ
0