Цхинвайлаг милиционертæ райстой призон бынат УФ чемпионаты хæстон æхстæй

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг командæйы сконды уыдысты цыппар адæймаджы. Уый райста 94 баллы максималон сæдæ баллæй æмæ бацахста æртыккаг бынат

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ бацахста æртыккаг бынат Уæрæсейы гом чемпионаты æфсæддон хæцæнгарзæй æхсынæй.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райсдзысты куыстмæ Уæрæсейы МХМ ахуыргæнæндæтты рауагъдонты

Ӕфсæддон хæцæнгарзæй æхсынæй Уæрæсейы гом чемпионаты хайад истой Турнирмæ Санкт–Петербургмæ æрцыдысты Уæрæсейы æмæ æввахс фæсарæнтæй тыхон структурæты иууыл цæттæдæр кусджытæ, æдæппæт 60 командæйы. Афтæ ма ерысты истой хайад сæрмагонд дæлхайæдтæ Беларусь, Казахстан æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Хуссарирыстойнаг командæйы сконды уыдысты цыппар адæймаджы.

МХМ-ы сæрмагонд нысаниуæджы къорды ахуырадон ротæйы командир Елдзарты Нодар куыд банысан кодта, афтæмæй ерыстæ уыдысты тынг вазыгджын.

"Сæрмагонд дæлхайæдты кусджытæ арæзтой æхсæн хæслæвæрдтæ æфсæддон экипировкæйы. Ерысты программæ уыд конд дыууæ хайæ. Боны хаймæ бацыдысты 12 хæслæвæрды, æхсæвы хаймæ та 6. Нæ командæ райста 94 баллы максималон сæдæ баллæй æмæ бацахста æртыккаг бынат", — загъта Елдзарты Нодар.

Дыууæбонон ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, бæлвырд æрцыдысты æртæ хуыздæр командæйы æмæ æртæ хуыздæр кусæджы хисæрмагонд бахыгъды.

Чемпионаты бронзæйон призер ссис Хуссар Ирыстоны МХМ-ы милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ. Хисæрмагонд бахыгъды æртыккаг бынат бацахста ацы тыхон структурæйы минæвар Бететы Алексей.

РХИ МХМ-ы МСНК-ы командæ ныр æртыккаг аз исы хайад æфсæддон хæцæнгарзæй æхсынæй чемпионаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0