Хуссар Иры МХМ Гуырдзыстоны æххуысы тыххæй: нæхæдæг истытæ кæндзыстæм

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгирвæзт Знауыры районы
Зынгирвæзт Знауыры районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны УУМ сарæзта хъусинаг, цæттæ кæй у артимæ тох кæнынмæ канд сæхи бæстæйы нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг зынвæдисонтæ ахуыссын кодтой зынгирвæзт Цхинвалы районы Гуырдзыстонимæ арæныл, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зынгирвæзт æрцыд Дисеуы хъæумæ хæстæг хуыцаубоны, арт ахызт Гуырдзыстоны территоримæ.

"Цауы бынатмæ ацыд хуссарирыстойнаг УУМ-ы æртæ къорды, кæцытæн бантыст аиуварс кæнын фыдбылыз", — загъта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны УУМ дæр сæхи территорийыл ахуыссын кодта арт æмæ Евроцæдисы ууылты сарæзта хъусинаг, цæттæ кæй Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр зынг ахуыссын кæнынæн баххуыс кæнынмæ.

Хуыцаубоны Знауыры районы ссыгъдысты быдыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгвæдисонтæ ахуыссын кодтой зынгсирвæзт Знауыры районы

"Хуссар Ирыстоны арæнгæрон управлени мын фехъусын кодтой хуыцаубоны, Гуырдзыстоны УУМ кæй равдыста цæттæдзинад артимæ тох кæнынмæ мах территорийыл дæр. Зынгирвæзт ахызт гуырдзиаг хъæумæ, сæ зынгвæдисонтæ архайдтой сæхи зæххыл арт ахуыссын кæныныл. Мах къордтæ та сæ куыст бакодтой сæхæдæг æмæ сын æххуыс кæнын нæ хъуыд", — загъта уый.

Тадтаты Алан ма банысан кодта, Хуссар Иры УУМ йæ куыстыл кæй æххæссы æмæ "дарддæр дæр йæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæндзæн æнæ фæрсаг æххуысæй".

Ног хабӕртты лентӕ
0