Нарты Сырдон фæзынд Цхинвалы хиды бын

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цæрджытæн æнахуыр лæвар сарæзтой арт-къорд ZUK Club уæнгтæ

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Леуахийы донбылгæрон зæронд хиды бын мæскуыйаг нывгæнджытæ сныв котой Нарты кадджыты фæлитой хъайтар Сырдоны. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цæрджытæн æнахуыр лæвар сарæзтой арт-къорд ZUK Club уæнгтæ, хъусын кæны Ossetia News.

ZUK Club второй раз штурмует стены Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
ZUK Club ныв кæны Цхинвалы кадджын ирæтты æмæ сыл исы фильм

"Аз æмæ æрдæг мах æххæст кæнæм проект "Уместные". Бæстыхæйттыл мах ныв кæнæм аккаг æмæ цымыдисон гоймæгты нывтæ, стæй ма сыл исæм документалон киноныв. Нарты кадджыты хъайтар Сырдоны хуызист –– нæ лæвар горæтæн. Уый проектмæ нæ хауы, махæн нæ зæрдæмæ фæцыд сюжет æмæ рахастам уынаффæ йæ сныв кæныны фæдыл", — загъта ZUK Club-ы нывгæнæг.

Проект "Уместные"-йы фæлгæтты сныв кæндзысты дæсгай гоймæгты, къорды архайджытæ æмрæстæджы исдзысты документалон киноныв сæ хъайтартыл. Арт-объекттæ бацахсдзысты 1 мин квадратон метры.

Уынгон мæскуыйаг нывгæнджыты къорд арæзт æрцыд 2001 азы. ZUK Club ном айхъуыст йе 'нахуыр графикон куыстытæй, кæцты уыдон сныв кодтой Уæрæсе, Европæ æмæ ХБЦ бæстæты.

Ног хабӕртты лентӕ
0