Ӕхсӕнадӕмон рок-фестиваль фыццаг хатт ацӕудзӕн Цхинвалы

© Архив Вадима ХаребоваУчастники группы "Бонварнон"
Участники группы Бонварнон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестиваль нывонд уыдзӕн "Бонвӕрноны" юбилейӕн, музыканттӕ иууылдӕр сӕ зарджытӕ сӕххӕст кӕндзысты ирон ӕвзагыл

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Ӕлборты Александра. Фыццаг ӕхсӕнадӕмон IRON ROCK фестиваль ацӕудзӕн 23 сентябры Хуссар Ирыстоны.

Бонвӕрнон-ы къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Алена йӕ ахуырдзауимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон" - хуссарирыстойнаг ӕрыгон музыкантты куырдадз

Мадзал фадат ратдзӕн цӕрджытӕн ӕрмӕст хъӕлдзӕг рӕстӕг арвитын нӕ, фӕлӕ ма националон роким ӕбазонгӕ уӕвын – зарджытӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕудзысты ирон ӕвзагыл.

Фестиваль уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы, Республикон стадионы.

Фестиваль уагъд ӕрцӕудзӕн зынгӕ ирон рок-группӕ "Бонвӕрноны" 45 азы юбилейы цытӕн, кӕцыйы музыкантты бон не ссис банысан кӕнын фарон.

"Ацы аз президент Бибылты Анатолийы ӕххуысӕй фӕнд кӕнӕм ауадзын фыццаг рок-фестиваль Цхинвалы", — загъта сфӕлдыстадон къорды солист Харебаты Вадим.

Группӕйы хайадисджытӕ фӕхуыдтой культурон мадзалмӕ сӕ зонгӕ музыкантты иууылдӕр иу домӕнимӕ – зарджытӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕххӕст цӕуой мадӕлон ӕвзагыл.

Бонвӕрнон-ы юбилейон концерт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал

Уый тыххӕй йыл сӕвӕрдтой ахӕм ном дӕр — IRON ROCK.

Фестивалы программӕмӕ Бонвӕрнонӕй дарддӕр бацыдысты ахӕм зарӕггӕнджытӕ, куыд Kroydon, Dzioff, Хъуылымбегты Сослан ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Харебаты Вадим куыд банысан кодта, афтӕмӕй, фестивалы сӕйраг нысан у фӕсивӕды ӕрмӕст гъӕдджын рок-музыкӕмӕ ӕрбангом кӕнын нӕ, фӕлӕ ма сӕрмагондӕй ирон рокмӕ.

Фидӕны организаторты фӕнды ис ӕрхонын фестивальмӕ рок-музыкантты ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр – Цӕгат Ирыстонӕй, Абхазӕй, Донецк ӕмӕ Луганскӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0