Хицауады сӕрдар критикӕйы бын фӕкодта аразджыты ныллӕг темпты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Эрик
Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пухаты Эрик банысан кодта нардуатон организациты сӕйраг проблемӕтӕй иу – уыдон рӕстӕгыл не " рбавдисынц хыгъдон документаци, уый та ӕппӕрццагӕй ӕндавы арӕзтады цыдыл

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик равдыста ӕнӕразыдзинад арӕзтадон объекттыл куыстыты цыдимӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Пухаты Эрик ауагъта рауӕрӕхгонд ӕмбырд арӕзтады министрады, паддзахадон унитарон куыстуӕтты, нардуатон организациты ӕмӕ ӕндӕр профилон уагдӕтты минӕвӕрттимӕ. Дзырд цыд 2015-2017 ӕзты Инвестпрограммӕйы мадзӕлтты реализацийыл.

улица Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрурæдтой уынгты цалцæг: цæрджытæ тыхсынц

Хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтадон объекттыл куыстыты фӕстиуӕгӕн алы нардуатон организацимӕ дӕр баззад претензитӕ.

"Сӕйраг проблемӕтӕ сты цалдӕр. Цалдӕр объектыл куыстыты темптӕ сты тынг ныллӕг, афтӕ ма критикон ныллӕг сты инвестпрограммӕйы реализацийӕн фарон ӕмӕ ацы аз цы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой, уыдон нысанмӕ здӕхтӕй бахардз кӕныны темптӕ", — бахахх кодта уый.

Пухаты Эрик ма банысан кодта нардуатон организациты сӕйраг проблемӕтӕй иу – уыдон рӕстӕгыл не 'рбавдисынц хыгъдон документаци, уый та ӕппӕрццагӕй ӕндавы арӕзтады цыдыл.

"Ноджы ма уын ӕй иу хатт фӕлхатт кӕнын – кӕд уӕхи бон нӕу бакӕнгӕ куыстыты фӕдыл документаци куыд ӕмбӕлы афтӕ сфидар кӕнын, уӕд ӕрбангом кӕнут специалистты, цӕмӕй уӕм фӕкӕсой", — загъта премьер аразджытӕн.

Уымӕй дарддӕр ма ӕмбырды банысан чындӕуыд, фактон ӕгъдауӕй бирӕ фылдӕр куыстытӕ кӕй ӕрцыдысты баконд, фӕлӕ ӕмбӕлон документты ӕвдыст не 'рцыдысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0