Америкæ Кавказы схойы хæстмæ, загъта Хуссар Иры парламенты депутат

© Sputnik / Ада БагианДепутат Коцты Игорь
Депутат Коцты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламентон комитеты сæрдар комментаритæ скодта АИШ хъусинагæн, цы ран уыдон домынц республикæйæ уæрæсейаг æфсады акæнын

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Козаты Диана. Америкæйы иугонд штатты ныр фарстæм аз нæ фæнды уынын Хуссар Кавказы сæвзæргæ уавæр æмæ раздæрау размæ кæнынц Гуырдзыстоны интерестæ, загъта Sputnik æддагон политикæйы æмæ æхсæнпарламентон бастдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь.

Вашингтон æртыццæджы ногæй æрдомдта Уæрæсейæ йе `фсад Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй ракæнын, зæгъгæ, ацы республикæтæ "сты Гуырдзыстоны".

Уæрæсейы æфсæддотнтæ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Америкæ æрдомдта уæрæсейаг æфсæддонты Хуссар Ир æмæ Абхазæй ракæнын

Коцты Игоры ныхæстæм гæсгæ, уый АИШ æмæ се ʻмцæдисонты фыццаг хъусинаг нæу æмæ дисы æфтауы æхсæнадæмон нормæты иуварсон æмбарынадæй.

"АИШ уымæй æвдисынц, сæйраг сын кæй сты сæхи политикон мотивтæ. Уæрæсейаг æфсад сты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы иунæг тых, кæцы хъахъхъæны Хуссар Кавказы сабырад. Сæ акæныны домæн нысан кæны регион хæстмæ æркæнын. Америкæйы хицауады ацы хъусинаг нæ хынцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрджыты, афтæ ма æгæрыстæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты домæнтæ дæр", — нымайы депутат.

Коцты Игорь ма зæрдыл æрлæууын кодта, уæрæсейаг æфсæддон контингент республикæйы кæй ис хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг хæларады æмæ æмгуыстады бадзырды фæлгæтты, кæцы бафыстæуыд 2008 азы.

"Хуссар Ирыстон дарддæр дæр фидар кæндзæн йæ æдасдзинад Уæрæсейы фæрцы, уымæн феххуыс уыдзысты 2015 азы бафыстгонд интеграци æмæ æмцæдисы бадзырды æххæстгæнæн къахдзæфтæ", — бахахх кодта депутат.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны цагъта æмæхст хæцæнгарз "Град"-æй. Гуырдзыстоны æфсады æрбабырсты рæстæджы ныппырх ис столицæ Цхинвал. Уæрæсейы бахъуыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты цард аирвæзын кæнынæн, кæцытæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ, æрбакæнын се ʻфсад. Мæскуы 26 августы 2008 азы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0