Дукани "Тандем"–æй адавтой 100 мин сомы бæрц æхца

© Sputnik / Наталья АйриянДукани Тандем
Дукани Тандем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Давд æрцыд дунканийы ныккæндæй, барадхъахъхъæнæг органтæ уайтагъд рабæрæг кодтой фыдгæнæджы

ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Цхинвалы адавтой популярон дукани "Тандем", къæрных уырдыгæй рахаста 96 мин сомы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Уагдоны бамбарын кодтой, давæг кæй бахызт дуканийы базайрæгты æвæрæнмæ.

"Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кодтой æмæ æрурæдтой фыдракæнды зæрдæхсайгæ адæймаг — Цхинвалы 36-аздзыд цæрæджы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Зæрдæхсайгæ адæймаг бархийæ фæстæмæ раздæхта, цы фæрæзтæ райста, уыдон, бафтыдтой МХМ-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0