Цхинвайлаг дзуттæгты фæнды раздахын Хуссар Иры æмбæстагад

© Sputnik / Руслан ТадтаевИзраилы цхинвайлаг æхсæнады минæвæрттæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ
Израилы цхинвайлаг æхсæнады минæвæрттæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Израилы цхинвайлаг æхсæнады минæвæрттæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ фыццах хатт ивгъуыд æнусы 90-æм æзтæй фæстæмæ

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Израилы цхинвайлаг æхсæнады минæвæртты фæнды фæстæмæ райсын Хуссар Ирыстоны æмбæстагад, ахæм куырдиатимæ уыдон бахатыдысты президент Бибылты Анатолиймæ цыппæрæмы.

Ӕхсæнады делегаци æрцыд Цхинвалмæ фыццаг хатт 1990 æзты хæсты фæстæ, хæстон архæйдтыты аххосæй уыдон бахъуыд Ирыстонæй сæ сæр фесафын.

"Ирыстонимæ нæ бастдзинæдтæ иу бон дæр никуы аскъуыдысты. Мах ацыдыстæм ардыгæй 90-æм æзты хæсты рæстæджы, фæлæ нæ фæнды фæстæмæ райсын Хуссар Ирыстоны æмбæстагад æмæ та ногæй нæхи банкъарын Хуссар Ирыстоны хаййæ. Ахæм бар махæн ис", — загъта æхсæнады уæнг Элион Виленчик.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстагад райсынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц фондз мин адæймаджы. Хуссарирыстойнаг паспорт райсынæн хъæуы ныффыссын куырдиат æмæ æрæмбырд кæнын æнæмæнгхъæуæг документтæ.

Цхинвалы фæстаг дзуттаг Рибка райста лæвар Тель-Авивæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæстаг дзуттаг Рибка райста лæвар Тель-Авивæй

"Алкæцы паддзахады дæр ис йæхи закъæттæ. Цæмæй фæтк хæлд ма æрцæуа, уый тыххæй хъæуы рæстæг. Æз растыл нæ нымайын аннæ адæмы сæртыл ахизын æмæ сымахæн æмбæстагад раттыны хъуыддаг фæтагъд кæнын", — загъта Бибылты Анатолий.

Фембæлды рæстæджы Виленчик радзырдта президентæн, Хуссар Иры ивындзинæдтæ сыл цы тæлмæнтæ ныууагътой, уыдон.

"Ам куы цардыстæм, уæдæй нырмæ рæстæг бирæ фæивта. Мах дисы бафтыдта архитектурон бæстыхæйтты рæсугъддзинад – уый у европæйаг æмвæзад", – загъта уый.

Ӕхсæнады уæнгтæ ма бахатыдысты президентмæ æххуысмæ дзуттæгты уæлмæрд æмæ аргъуан сæндидзын кæныны хъуыддаджы.

Паддзахады сæргълæууæг ныфс радта фарстмæ æркæсынæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0